Пæк – Батумы ахст сты иу фæсарæйнаг æмбæстаг æмæ иу Гуырдзыстоны æмбæстаг, кæцытæ террористон организаци «Исламон паддзахады» рæнхъытæм бацыдысты
Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты горæт Батумы иу фæсарæйнаг æмбæстаг æмæ иу Гуырдзыстоны æмбæстаг æрцахстой.
Паддзахадон æдасдзинады куысты сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Лаша Магърадзе брифингыл куыд расидтис афтæмæй, фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй уæлдæр банысангонд гоймæгтæ бацыдысты террористон организаци «Исламон паддзахады» рæнхъытæм, райстой æууæнкдзинады ард (афтæ хуынæг баят), кæцы видеофайлы хуызы фыст æрцыд æмæ организацийы лидертæм æрвыст æрцыд.
«Уыдон уыдысты цæттæ цыфæнды хæслæвæрд сæххæст кæнынмæ, кæцытæ сын бахæс кодтой Исламон Паддзахады разамонджытæ». Фæдæвзарæн афтæ дæр бæлвырд кæны, цæмæй ахстгондтæ цыдысты Гуырдзыстонæй æндæр бæстæмæ, цы ран «Исламон паддзахады» тохгæнджытимæ хъуамæ баиу уыдаиккой.
Фæдагурæн архайдтыты фæстиуæгæн ист æрцыдысты электронон информаци хæссæг аппараттæ, æнæрегистрацигонд сим картæтæ, мобилон телефонтæ, дзаумæттæ, кæцытыл террористон организаци «Исламон паддзахады» символтæ æвдыст цæуынц, маскæтæ, персоналон документтæ æмæ хъуыдтагæн нысаниуæгджын æндæр бæлвырдгæнæнтæ», -расидтис Лаша Магърадзе.
Магърадзе брифингыл куыд банысан кодта афтæмæй, факты фæдыл фæдагуырд цæуы уголовон кодексы 328 статьямæ гæсгæ, кæцы фæсарæйнаг террористон организацимæ баиу æмæ террористон архайдтытæн æххуыс кæнынмæ хауы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыдракæнды тыххæй æфхæрд цæуы 10 азæй 17 азы онг ахæстоны фæбадынæй.