Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст публикаци скодта Гиорги Удзилауримæ баст видеоæрмæг
Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст публикаци кодта видеофыст, кæцы Гиоргий Удзилауримæ баст у, кæцыйы шпионажы аххосагæй ахст æрцыд.
Пæк куыд хъусын кæны, афтæмæй æмбæхст видеойы æвдыст цæуы, куыд исы амынддзинæдтæ, куыд исы æхца æмæ куыд æрфыссы æмбæлон къухфыст.
«Мах ныммыхуыр кæнæм æмбæхст видеофыстæй иу хай, кæцыйы æвдыст цæуы шпионажы аххосагæй ахст æмбæстаг, кæцы райсы амынддзинæдтæ, исы æхца æмæ æрфыссы æмбæлон къухфыст сусæг фембæлды рæстæджы», — загътой Пæк-ы.
Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 5-æм майы Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст фæсарæйнаг паддзахадæн шпионаж кæныны аххосагæй Гиоргий Удзилаурийы ахст расидтис. Уый ахст у.