Мидхъуыддæгты министрад 4-æм октябры æрцæугæ цауты фæдыл ноджы иу адæймаджы æрцахста, ахст адæймæгты æдæппæт нымæц та 46 у
Мидхъуыдтæгты министрады кусджытæ æнæрлæугæйæ æххæст кæнынц æмбæлон оперативон-фæдагуырдон архайдтытæ, цæмæй рабæрæг кæной æмæ æрцахсой уыцы хицæн адæймæгты, кæцытæ 4-æм октябры Тбилисы тыхмийы архайдтытæ сарæзтой – уый фæдыл мидхъуыдтæгты министрады фидиуæны ис фыст.
Мидхъуыддæгты министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй уæлдæр банысангонд уголовон хъуыддаджы фæдыл цæугæ фæдагуырды фæлгæтты централон пъæлицæйы управленийы кусджытæ æрцахстой ноджы иу гоймаг – Г.К.
«Пъæлицæйæгтæ æдæппæтæй ахст сты 46 хицæн адæймаджы.Барадхъахъæнджытæ даргъ кæнынц æххæстæй иртасын райсгæ бæлвырдгæнæнты фæдыл, цæмæй райсой æмбæлон барадон мадзæлттæ фыдракæнды баст алы адæймаджы ныхмæ.
Фæдагуырд цæуы уголовон кодексы 317, 222, 225 æмæ 187 статьятæм гæсгæ», – ис фыст фидиуæны.