Мидхъуыддæгты министрад - 9 апрелы мемориалы цур иу адæймаг æрцахстой лыстæг хулигандзинады æмæ пъæлицæйы бардзырд нæ æххæст кæныны аххосагæй, иннæйы та къордон тыхмийы аххосагæй
Мидхъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, 9-æм апрелы мемориалы цур ахст дыууæ адæймагæй иу æрцахстой административон фæткхалæнты кодексы 166-æм статьятæм гæсгæ (лыстæг хулигандзинад) æмæ 173-æм статьямæ гæсгæ (закъонон пъæлицæйы бардзырд нæ сæххæст кæнын).
Парахатгонд хъусинæгтæм гæсгæ, ацы адæймаг 9 апрелы ныппырх кодта хицауады æмæ закъондæттæн минæвæртты æрбахаст веноктæ мемориалмæ æмæ спайда кодта æнæгъдау æвзагæй.
Мидхъуыддæгты министрады Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн фехъусын кодтой, цæмæй дыккаг гоймаг æрцахстой уголовон кодексы 126-æм статьямæ гæсгæ, кæцы къордон тыхмидзинад дары йæ зæрдыл.