Мидхъуыддæгты министрад скуынæг кодта 926 килограмм наркотиктæ, кæцыты аргъ афтæ хуынæг сау базарыл 19 милуан ларийæ фылдæр у
Мидхъуыддæгты министрад скуынæг кодта 926 килограмм наркотиктæ, кæцыты аргъ афтæ хуынæг сау базарыл 19 милуан ларийæ фылдæр у

Иудадзыгон къамис, кæцы Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министры бардзырдмæ гæсгæ арæзт æрцыд, скуынæг кодта æнæпрецедентон бæрц наркотиктæ — алыгъуызон хуызты 926 килограммы, кæцытæ æнæхъæн бæстæйы масштабæй фæдагурæн мадзæлтты рæстæджы æрцахстой. Сау базары сæ иумæйаг аргъ 19 милуан ларийæ фылдæр у.

Мидхъуыддæгты министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй тæрхондонон-медицинон наукæйы управленийы кусджытæ сæрмагонд, нырыккон, бæрзонд температурæйы инсинераторы скуынæг кодтой уæлдай стыр бæрцæй алыгъуызон наркотиктæ. Уыдоны нымæцы уыдысты кокаин, героин, метадон, МДМА, альфа-ПВП, кетамин, клефедрон, бупренорфин, трамадол, кодеин, диазепам æмæ марихуанæ, стæй ма алыгъуызон психотропон буаргъæдтæ æмæ ног психоактивон буаргъæдтæ.

«Уæвæг закъондæттынадмæ гæсгæ, иудадзыг къамисы уæнгтимæ — Мидхъуыддæгты министрады кусджытимæ иумæ, наркотиктæ скуынæг кæныны процессы хайад райстой Генералон прокуратурæйы æмæ фæллойы, æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ бæлвырдгæнæны хуызы ист наркотиктæ æвæрд цæуынц сæрмагондæй ифтонггонд æвæрæны, кæцы дзуапп дæтты дунеон стандарттæн æмæ скуынæг кæнынц уголовон хъуыддæгты фæдыл тæрхондоны тæрхон йæ тыхы бацæуыны фæстæ», -ис фыст мидхъуыдтæгты министрады хъусинаджы.