Мидхъуыддæгты министрад – Барадхъахъхъæнджытæ æрцахстой радикалон фашистон къордты 16 уæнгы
Мидхъуыддæгты министрады Тбилисы полицийы департаменты кусджытæ абон бæстæйы масштабæй радикалон фашистон къордты 16 уæнг æрцахстой. Уый фæдыл Тбилисы полицийы департаменты директор Важа Сирадзе мидхъуыддæгты министрады арæзт брифингыл расидтис.
Сирадзе куыд банысан кодта афтæмæй, ахстгондтæй 10 сты æнахъомтæ.
«Мæйты дæргъы барадхъахъæнджытæ цы фæдагуырд сарæзтой уголовон хъуыддаджы фæдыл, уый рабæрæг кодта, цæмæй тыхмигæнæг къордты уæнгтæ сæхи хуыдтой неонацисттæ æмæ разамынд лæвæрдтой фашистон идеологийыл.Цæмæй сæ æндæвдад фæбæрзонддæр уа æмæ нымад æрцæуой, уый тыххæй равдыстой радикалон ахаст зианбаййафджытæм æмæ, уæлдай æгъатырдзинадæй, физикон æгъдауæй сæ идеологиимæ разы чи нæ уыд, уыдонмæ.
Къордты уæнгтæ сæ мобилон телефонтæй систой къамтæ æмæ видеотæ, цавæр тыхмидзинад, æгадгæнæг митæ æмæ зианбаййафæг адæймæгтæн цы физикон æмæ психологон æлхъывдад æрцыд, уый тыххæй æмæ сæ ныммыхуыр кодтой æндæр æмæ æндæр интернет-платформæтыл.
Уæлдæрбанысангонд тыхмийы фæстиуæгæн фæцæф сты дæс адæймагæй фылдæр, уыдон нымæцы цыппар æнахъомы.
Азымгондты сæрмагонд æмæ цæрæн хæдзæртты басгæрсты рæстæджы сын байстой сæ чырæ телефонтæ, маскæтæ, алыгъуызон электронон кусæнгæрзтæ æмæ нацистон символтæ. Хъæлæсон æмæ уазал хæцæнгæрзтæ.
Фактты фæдыл фæдагуырд цæуы уыцы иу статьяйы 144-æм статьяйы 2-æм хайы дæлпункт «G» æмæ 3-æм хайы дæлпункт «В»-мæ гæсгæ, кæцытæ нысан кæнынц æнæадæймагон ахаст къорды æрдыгæй æнахъомы ныхмæ развæлгъау зонындзинæдтæй æмæ 10 азы онг ахæстоны фæбадыны æмгъуыдмæ гæсгæ», — загътой уыдон брифингы.