Мидхъуыддæгты министрад цыппæрæм октябры æрцæугæ цауты фæдыл ноджы 16 хицæн адæймаджы æрцахста, ахст адæймæгты иумæйаг нымæц та 62 у
Мидхъуыдтæгты министрад цыппæрæм октябры æрцæугæ цауты фæдыл ноджы 16 адæймагы æрцахста æмæ ахст адæймæгты иумæйаг нымæц 62 у – уый фæдыл Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министр Гека Геладзе абон брифингыл расидтис.
Уымæй дарддæр ма мидхъуыддæгты министр куыд банысан кодта, афтæмæй фæсарæнты дыууæ хицæн адæймаджы ныхмæ уголовон фæдагуырд райдыдта, кæцытæй иу у Ираклий Шаишмелашвили.
«Мидхъуыддæгты министрады Централон криминалон полицийы департамент интенсивон фæдæвзарæн уадзы, цæмæй рабæрæг æмæ уголовон бæрнмæ æркæной уыцы гоймагты, кæцытæ 4 октябры Тбилисы сарæзтой æнæзакъонон, криминалон архайдтытæ – сæрмагондæй, уыдон бафæлвæрдтой Гуырдзыстоны президенты галуан бацахсын æмæ конституцион фæтк фехалой тыхмийы фæрæзтæй, кæцыты рæстæджы цалдæр æнæзакъонон кусæг зианбаййæфтой.
Уæлдæр банысангонд уголовон хъуыддаджы фæдыл абон æрцахстам ноджы 16 хицæн адæймаджы. Цæугæ фæдагуырды фæлгæтты, æдæппæтæй æрцахстам 62 адæймаджы. Дыууæ адæймаджы ныхмæ, кæцытæ сты фæсарæнты, байгом кодтой уголовон фæдагуырд. Иуæй-иуты аххосджын кæнынц Гуырдзыстоны конституцион фæтк тыхмийы ивды кæнæ паддзахадон хицауады ныппырх кæныны, стратегион кæнæ сæрмагонд нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объект байсын кæнæ æрæхгæныны фæлварæны, къордты тыхмийы организаци æмæ хайад райсыны, æмæ барадхъахъхъæнæг органты кусджыты ныхмæ тыхмидзинады.
Фæсарæнты дыууæ гоймагмæ та цы хауы, кæцыты ныхмæ уголовон хъуыддаг райдыдта, уыдонæй иу у Шайшмелашвили Ираклий, кæцыйы аххосджын кæнынц Гуырдзыстоны конституцион уагæвæрды тызмæгæй ивыны æмæ паддзахадон хицауады фехалыны тыххæй сидты.
Дарддæр кæнæм æмбæлон фæдæвзарæн архайдтытæ, цæмæй рабæрæг кæнæм фыдракæнды æндæр аххосджынты æмæ сæ æркæнæм уголовон бæрнмæ», -расидтис Геладзе.