Мидхъуыддæгты министрад  ИНТЕРПОЛ-ы организгонд фембæлды фысым уыд
Мидхъуыддæгты министрад ИНТЕРПОЛ-ы организгонд фембæлды фысым уыд

Мидхъуыддæгты министрады æндæр æмæ æндæр дæлхайæдты минæвæрттæ архайдтой Интерполы организацигонд æмбырды, кæцы æнæзакъонæй æхсæнгарз æмæ хæцæнгарзы зилдухы ныхмæ тох кæныны фæдыл уыд.

Мадзал, кæцы Тбилисы уагъд æрцыд, арфæйы ныхасæй мидхъуыдтæгты министрады централон криминалон полицийы департаменты директоры хæдивæг Ираклий Дондоладзе байгом кодта.

Мадзалы хайад райстой барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ Европæйы æмæ Астæуккаг Азийы 20 бæстæйы бæрцæй.

Æрæмбырдуæвджытæ æруынаффæ кодтой ахæм нысаниуæгджын фарстатыл, куыд: хæцæнгарзы æнæзакъон базарады тенденцитæ, регионы криминалон схемæтæ æмæ ацы æрдгæй æвзæрстытæ.

Фембæлды нысан у хайадисæг бæстæты æхсæн æмгуыстад фæтыхджындæр кæнын, зынгæхсæн æрмæджы æнæзакъон базарады ныхмæ иумæйаг мадзæлттæ план кæнын æмæ дунеон æмкуыстдзинады эффективон реализацийæн æнæмæнгхъæугæ къахдзæфтæ сбæлвырд кæнын.

Фембæлды рæстæджы фарсытæ баныхас кодтой иумæйаг оперативон архайдтытæ сæххæст кæныныл, информацийы ивды механизмты фæтыхджындæр кæныныл æмæ координацион методтæ сифтонг кæныныл.

Мадзалы фæстæ ИНТЕРПОЛ æмæ хайадисæг бæстæтæ адарддæр кæндзысты активон æмгуыстад, цæмæй дарддæры къахдзæфтæ уой фæстиуджытæм здæхт æмæ координиргонд.