Ног Зеландийы хицауады скуыддзагæй, Китайæ ныццæугæ фæсарæйнаг æмбæстæгты бæстæмæ нæ бауадздзысты
Ног Зеландийы хицауады скуыддзагæй, Китайæ ныццæугæ фæсарæйнаг æмбæстæгты бæстæмæ нæ бауадздзысты. Фæнысангонд мадзæлттæ Ног Зеландийы хицауад райста коронавирусы ахлиуы тасы тыххæй. Скуыддзаг йæ тыхмæ бахиздзæн къуырисæрæй æмæ 14 бон аххæссдзæн.
Уымæй дарддæр ма, Ног Зеландийы фæсарæн хъуыддæгты министрад æмбæстæгтæм æрсидтис, ма балц кæной Китаймæ. Китайæ æрыздæхгæ Ног Зеландийы æмбæстæгтæ та, тыхыбын уыдзысты 14 боны изоляцийы арвитын.
Коронавирусæй фæмардуæвджыты нымæц, 305-æ аххæссыд. Инфициргондты нымæц та у 14300. Коронавирус дунейы 25 бæстæйы сфиксир ис.