Майя Цкитишвили - Координацион совет уынаффæ кæны уæлæмхас ранæй-ран арæнæвæрдтыл, уый нымæцы æхсæвы сахатты змæлды арæнæвæрд дæр
Регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министр, вице-премьер Майя Цкитишвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ хицауады координацион совет абон уынаффæ кæны, цæмæй цавæр уæлæмхас ранæй-рæтты æрæнæвæрдтæ æрбайсын ис гæнæн, коронавирусы апарахат маруадзынæн.
«Совет, кæй зæгъын æй хъæуы, уынаффæ кæны ууыл, цæмæй цы уæлæмхас мадзæлттæ æмæ цавæр ранæй-рæтты арæнæвæрдтæ æрбайсын ис гæнæн цæмæй бафæразæм вирусы апарахат маруадзын, фæсындæг кæнæм вирусы ахæлиу. Гæнæн ис уа æндæр æмæ æндæр типы мадзал, цахæмдæр у дæнцæн, изæры сахатты, æхсæвы сахатты змæлд арæн скæнын. Гæнæнис уа улæфты бонтæ, кæнæ къуырийы кæцыдæр иу бон, кæнæ æндæр æмæ æндæр цæрæн рæтты, куыд транспорты бауромын, афтæ æндæр базарадон ц ентрты кæнæ æндæр хуызы стыр змæлд цы ран ис, зæгъæм базарты куыст бауромын.
Алы ацы ранæй-ран равгы мадзал, кæцыйæ спайда кæндзыстæм уым æмæ уыцы ран, кæцыйы æнæмæнгхъæуындзинад уыдзæн эпидемиологион уавæрмæ гæсгæйæ. Алы ахæм мадзал сфидар кæнын у уыцы практикæ æмæ зонынадыл æнцойæвæрд, кæцы уынæм сыхаг æмæ дунейы æндæр æмæ æндæр паддзахадты», – райхъусын кодта Майя Цкитишвили.
Уый ма банысан кодта, цæмæй абон зæгъгæ æнæмæнгхæъугæ у æхсæнады æххæстæй консолидацидзинад.
«Алчи хъуамæ баиу уæм – æмбæстæгтæ, бизнес, алы политикон актор. Мах алкæй рард у, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ æнæнизхъахъъæды системæ, нæ æмбæстæгты, цæмæй, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бæстæйы экономикæ. Уый у тынг æнцон, уый тыххæй хуымæтæгæй хъуамæ æххæст кæнæм уыцы регуляцитæ, кæцы сты бæлвырд æм аппробацигонд æппæт Дунейы æмæ тынг æнцон у сæ æххæст кæнын», – загъта Майя Цкитишвили.