Лондоны, коронавирусы ног типы фыццаг цау фæбæрæг ис. Инфициргонд у сылгоймаг, кæцы Британимæ Китайæ ныццыд цалдæр боны размæ. Уый Сент Томасы рынчындоны инфекцион хайады схуыссын кодтой.
Стыр Британийы коронавирусы рабæрæгы фарастæм цау у.
14-ы онг фæфылдæр коронавирусæй инфициргондты нымæц АИШ-ы. АИШ-ы низты контролы æмæ превенцийы центры хъусинагæй, низ фæбæрæг ис Китайы, Уханы провинцийæ, эвакуацигонд дыккаг гоймагмæ.
232 эвакуиргонды, карантины сты Сан Диегойы, æфсæддон-денджызон базæйыл.