Леван Гоподзе - Абхазæй æрласгæ коронавирусæй рынчын пациенты æнæниздзинады уавæр фæхуыздæр ис
Республикон рынчындоны директоры Леван Гоподзейы информацийæ, клиникæйы 18 ковид-фæрынчынуæвæгæн хос кæнынц, кæцытæй иуы æнæниздзинады уавæр у уæззау.
Оккупацигонд Абхазæй цы пациенты æрластой уый тыххæй та дохтыр дзуры, цæмæй зæгъгæ интенсивон терапийы фæстæ, йæ уавæр фæхуыздæр ис æмæ нырид палатæйы уæвы.
«60 азы онг кары сылгоймагы уавæр критикон уыд, тынг уæззау пневмонийæ, фæлæ интенсивон хоскæныны фæрцы йæ уавæр фæхуыздæр ис. Уый у медицинон персоналæй, кæцыйæн комкомм æконтакт уыд ковид-фæрынчынуæвджытимæ æмæ уый фæстæ йыл вирус йæхимæ бахæцыд. Хос кодта Абхазы территорийыл, фæлæ уым ситуаци контрол нал фæцарæхстысты æмæ фыццаг августы йæ Рухы клиникæмæ раластой. Уæззау пневмони йæм уыд æмæ йæ знон та нæ клиникæмæ фæхæццæ кодтой. Банысан кæнын хъæуы, цæмæй Рухы клиникæйы æмæ стæй та махмæ хоскæныны фоныл йæ уавæр фæхуыздæр ис. Афтæмæй пациентæн нал хъæуы реанимацион мадзæлттæ æмæ интенсивон терапий» – райхъусын кодта Гоподзе.