Коронавирусы превенцийы нысанæй, Тбилисы æнæфидгæ хæрæндæтты лæггады ног уаг абонæй скуыста
Абонæй сæйраг горæты архайæг 62 æнæфидгæ хæрæндоны, коронавирусы рискъытæй хибахизынæн, лæггады ног æгъдау скуыста.
Ног уагмæ гæсгæйæ, сæрмагонд рискъ-къордмæ хауæг хроникон низтæ кæмæн ис, уыцы бенефициартæн, афтæдæр иунæг асджынтæн æмæ хæдизоляцийы уæвæг бенефициартæн, специалистты бацæттæгонд барвæндонтæ хæринаг сæ хæдзæрттæм сын бадæтдзысты.
Барвæндонтæ бенефициартæн æдасдзинады алы уаг хъахъхъæнгæйæ æмæ æмбæлгæ экипировкæйæ балæггад кæндзысты.