Коронавирусы ног цауты æхсæн 18 сты фæрынчынуæвджытимæ контакттæ, фондз медицинон персоналæй, аст пациенты инфицирады равзæрæн бæрæг нæу
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон лиректор Марина Эзугбаиайы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны рабæрæггонд коронавирусы 57 ног цауæй 25 баст сты Ачъараимæ.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ног цаутæй 18 сты фæрынчынуæвджытимæ контакт кæмæн уыд ахæмтæ, асты инфицирады равзæрæн ацы этапыл бæрæг нæу æмæ цæуы эпидемиологион бацагуырд.
«Абоны бæрæггæнæнтæй, 57 ног цау нын ис. 57-æй фондзы инфицирады равзæрæн у «Дона», 14 пациенты равзæрæн горæт Батум, 18 пациенты сты фæрынчынуæвджытимæ контакт кæмæн уыд, ахæмтæ, цыппар пациентæн ис Ачъарамæ балцы истори, æртæ пациент сты æрцæугæтæ, уыдонæй дыууæ уæзласæнты тæрджытæ сты. Фондз пациент сты медицинон персоналæй, аст пациенты фæдыл дарддæр кæны эпидемиологион иртасæн се контактты æмæ инфицирады равзæрæн рабæрæг кæныны нысанæн. 57-æй 25 Пациенты инфицирады равзæрæн у Ачъара, комкоммæ, кæнæ фæрссаг контакттæй», – рахйъусын кодта Марина Эзугбаиа.
Афтæма Марина Эзугбаиайы дзырдæй, зæгъгæ снæнизуæвджыты нымæц фæфылдæр ис фарастæй æмæ афтæмæй фæрынчынуæвджыты 73% аххæссыд.
Марина Эзугбаиайы дзырдæй, зæгъгæ ацы этапыл Ковид-центрты 469 пациентæн хос кæнынц, уыдонæй 18-ы уавæр у уæззау, цыппар та критикон.
Тбилисы инфекцион рычнындоны бæрæггæнæнты тыххæй куы зæгъæм, клиникæйы ног коронавирусæй рынчын 22 пациентæн хос кæнынц, уыдонæй иуы уавæр у уæззау, иу та критикон.