Коронавирусы ног цаутæй æхсæз «Донайы» кластерæй сты, 15-ы равзæрæн бæлвырд цаутимæ контакттæ сты, 8-æн ис Ачъарамæ балцы истори, 1 медицинон сферæйы минæар у, дыууæ та импортиргонд цаутæ
Коронавирусы ног цаутæй æхсæз, «Дона»-йы кластеримæ сты баст, 15 пациенты инфицирады равзæрæн у бæлвырд цаутимæ контакт, астæн ис Ачъарамæ балцы истори, иу у медицинон сферæйы минæвар, дыууæ импортиргонд, афтæма дыууæ гоймагы инфицирады равзæрæны бацагуырды нысанæн зæгъгæ цæуы эпидемиологион иртасен, – уый фæдыл Тбилисы инфекцион рынчындоны клиникон къухдариуæггæнæг Марина Эзугбаиа райхъусын кодта.
Афтæма Марина Эзугбаиай информацийæ, коронгавирусæй фæрынчынуæвæг æртæ пациенты уавæр у критикон уæззау.
«Сæнæнизуæвджыты нымæц æрмст фондзæй фæфылдæр ис æмæ сæ процентон бæрæггæнæн 78 процент у. Ацы этапыл ковид-центрты хос кæнынц 342 пациентæн. Уыдонæй æртæйы уавæр у критикон уæззау, 16-ы та, уæззау. Нæхи центры тыххæй куы зæгъæм, уæд, знон нæм уыдис 19 бæлвырд цауы, снæниз сты дыууæ, æмæ нæм æрбаластой иу ног пациенты. Адонæй критикон уæззау у иу пациент, дыууæйы уавæр та у уæззау»,- банысан кодта Эзугбаиа.