Коронавирусы ног цаутæй 196 сфиксир сты Ачъарайы, 178 Тбилисы, 65 та Имереты
Тбилисы инфекцион рынчындоны боксиргонд хайады къухдариуæггæнæг Марина Энделадзейы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны коронавирусы цы 478 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 196 сфиксир сты Ачъарайы, 178 Тбилисимæ сты баст, 65 та Имереты рабæрæг сты.
Иннæ цаутæ та сты æндæр æмæ æндæр регионтæй.
«Ивгъуыд æхсæв-боны мидæг рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 478, снæниз сты 211. Фæкаддæр ис Ачъарайы инфицирады ног цауты нымæц, нырид райсгæ мадзæлттæ фæстиуæгджын разындысты æмæ ног фæрынчынуæвджыты нымæц у 196 пациент. Тбилисы, 178 ног цау , Имереты 65 ног цау, Самегрело-Уæллаг Сванеты – 13, Гуриа – 1, Шида Картли -6, Квемо Картли -15, Кахет-3, Мцхета Мтианеты – 4»- фехъусын кодта Марина Энделадзе.
Марина Энделадзейы ныхæстæм гæсгæ, хоскæныны этапыл уæвæг 50-ы пациенты уавæр у критикон уæззау. Уыдонæй 31 инвазивон улæфтыл сты, 29 та сипапрежимыл. Улæфæн аппараттыл иугонд пациенттæй аст сты оккупацигонд Абхазы территорийæ æркæнгæтæ, иу та Цхинвалæй.