Коронавирусы фæдыл æхсæнадæн информаци базонын кæныны  нысанæй,  хицауад сарызта  специалон веб фарс -www.stopcov.ge
Коронавирусы фæдыл æхсæнадæн информаци базонын кæныны нысанæй, хицауад сарызта специалон веб фарс -www.stopcov.ge

Премьер-министры къухдариуæгæй   коронавирусмæ гæсгæ   архайæг  æхсæнуагдонон  координацион  советы  радон фембæлд  ацыд.

Хицауады   администрацийы  информацийæ,   советы рабадтыл  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритæй  лигъдæтты, куысты, æнæнизхъахъхъæды  æмæ  социалон хъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе  банысан кодта, цæмæй   ног коронавирусæй инфициргондты нымæц  нæ фæфылдæр ис, æрмæст ацы  афонмæ  инфициргонд æртæ гоймагы   уавæр,  фæстæмæ   æвæрццаг у.

Афтæма,  æхсæнуагдонон   координацион   советы   рабадтыл  абон банысан ис, цæмæй  хицауад   2  марты   рауагъдта  барамынд  Гуырдзыстоны масштабæй   алы  паддзахадон кæнæ  хицæн  ахуыргæнæндоны  ахуыры процесс  бауромыны  фæдыл.

Уымæй уæлдай,  хицауады  2  марты   барамындæй  ивддзинæдтæ  бацыд  Гуырдзыстоны  ног коронавирусы гæнæн ахæлиу маруадзыны  мадзæлтты  æмæ  ног  коронавирусæй  расайгæ  низты  цаутыл  оперативонæй реагир кæнынады планмæ.

Ивддзинæдтæ  уый  нымæцы сæ  хъуыдыйы   дарынц,  Гуырдызстоны  территорийыл транзитонæй ацæуæг  коронавирусы   рискъ хæссæг   бæстæтæй   уæзласæн  автотранспортон   фæрæзты   эскортиркæнын  (йæ экипажимæ иумæ)  æмбæлон  арæйнон-ауадзæн пункты онг; афтæдæр – æнæнизхъахъхъæды  дунейы организаци, бæрзонд рискъджын  зонæтæй  цы бæстæтæ   банымадта, уырдгæй   рацæуæг  уæзласæн  транспортон  фæрæзты тæрджытæ ивд æрцæудзысты æндæр физикъон уæнгæй,  кæцы рискъ къордмæ нæ  хауы,  таможнæй   органы æххæстбарджын   уæнгы  цæстдардæй  сæххæст уыдзæн  траспортон  фæрæзы  æххæст дезинфекци, æрмæст  уæзласæн  транспортон   фæрæзы  тæрæг (фæсарæйнаг æмбæстаг),  кæцы  таможнæйы  арæныл  æрбахизыны  рæстæджы транспортон  фæрæз скъæрдта, фæстæмæ  аздахдзысты  кæнæ  йæ клиникон уавæрмæ æмбæлгæйæ,   карантин/медицинон уагдонмæ аргъæвдзысты.

Рабадтыл  сæрмагонд хъусдард  сырæзт  цæрджыты   информирдзинады нысаниуæгыл æмæ банысан ис, цæмæй   хицауад  алы амæлттæй  спайда кæндзæн,   ауадзгæ  мадзæлтты  æмæ   превентивон  архæйдтыты  фæдыл, æхсæнадæн  интенсивон   режимы  информаци бадæттынæн.  Растдæр ацы  нысанæй сæвзæрд специалон  веб-фарс, www.stopcov.ge  кæцыйыл æвæрд æрцæудзæн  информаци,  паддзахады  сæххæст  алы  мадзæлтты   фæдыл,  афтæдæр – æнæниздзинады  дунейы организацийы æмæ   Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды  министрады  рекомендацитæ.

Коронавирусмæ  гæсгæ  архайæг  æхсæнуагдонон   координацион   совет  премьер-министры  къухдариуæгæй.   Регшуляронæй  æрымбырд вæйы.  Алы æмбæлгæ  уагдон,  координиргонд  режимы   архайы  æмæ  хицауад  æнæхъæнæй  контрол  кæны процесс.