Коронавирусы 24 ног цауæй иу  рабæрæг ис Ачъарайы
Коронавирусы 24 ног цауæй иу рабæрæг ис Ачъарайы

Гуырдзыстоны  коронавирусы  абон  бæлвырд  24  ног цауæй   иу Аъчарайы сфиксир ис.

Аъчарайы   æнæнизхъахъхъæды министрады  информацийæ,   фæрынчынуæвæг  сылгоймагæн уыд  Туркмæ балцы истори  æмæ уый   карантины  уыдис.  Уымæ гæсгæ дæр цау  импортиргонд у.

Пациент Батумы   республикон рынчындоны  ис. Фæнысангонд  клиникæйы  хос кæнынц 10  фæрынчынуæвæгæн.  Сæ æнæниздзинады уавæр    зæрдæмæдзæугæйыл нымайынц.  Æхсæз пациент  гæнæн ис, æввахс бонты    рафыссой, фæлæ сын уæдмæ  сараздзысты  контролон  тесттæ.

Уымæй уæлдай ма,  низты контролы  Ачъарайы  уагдоны æмæ Батумы  инфекцион рынчындоны  лабораториты  арызт  614   тесты дзуаппытæ  æппæрццаг  сты.  Вирус æрмæст   иу  адæ1ймагмæ  сбæлвырд ис.