Коронавирусмæ гæсгæ ног арæнæвæрдты фæдыл информаци цæрджытæн сом суыдзæн бæрæг
Райсом базонын кæндзыстæм цæрджытæн, цæмæй цы типы арæнæвæрдтæ æмæ кæцы бонæй æрцæудзысты уагæвæрд, – уый фæдыл Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе, координацион советы рабадты фæстæ райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ дарддæр кæны консультацитæ бизнесимæ æмæ ис дыууæ версийы, цæмæй кæцы форматæй сæххæст уа арæнæвæрдтæ.
«Абон дæр дарддæр кæнæм консультацитæ бизнесимæ æмæ алы сферæйы минæвæрттимæ. Ис нын дыууæ версийы, цæмæй цавæр форматæй сæххæст уа арæнæвæрдтæ æмæ сом æхсæнадæн ацы информаци суыдзæн бæрæг. Фæлæ афтæдæр нысаниуæгджын у, рагхыгъд бакæнын уыцы арæнæвæрдтæ, кæцыты нын æнхъарынц эксперттæ æмæ эпидемиологтæ. Уыдон сæ хъуыдыйы нæ дарынц уый, цæмæй æнхъæл уæм инфицирады нымæц фæкаддæр уа, уый æппæт уыдзæн этапгай. Бакæсдзыстæм куыд каддæр кæндзæн процент æмæ дыууæ къуырийы аргълæвæрды фæстæ, гæнæн уыдзæн æрбайсын ноджы карздæр схемæ кæнæ та бацархайæм экономикон куыст фылдæр тасгæ гарфикмæ ахизын кæнын. Сом цæрджытæн базонын кæндзыстæм, цæмæй цы типы арæнæвæрдтæ æмæ кæцы бонæй æрцæудзысты уагæвæрд уый», – загьта Тъикъарадзе.