Коронавирусæй инфициргонд фыццаг пациенты фæлхатгæ тесты дзуапп у æппæрццаг, дыккаг пациенты фæстиуæг та, боны кæронмæ фæбæрæг уыдзæн
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директор Марина Эзугбаиайы куырдиатæй, коронавирусæй инфициргонд фыццаг пациентæн тест фæлхатгæ сырæзт æмæ дзуапп æппæрццаг у зæгъгæ.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, дыккаг пациентæн, кæцыйæн афтæдр æппæрццаг дзуапп уыд, фæлхатгæ тест абон сараздзысты æмæ фæстиуæг боны кæронмæ уыдзæн бæрæг.
«Знон боны дыккаг æрдæджы айхъуыстис, цæмæй нæ фыццаг пациент сдзæбæх ис, йемæ фæлхатгæ дыууæхаттон тесты фæстиуæгæн райстам æппæрццаг дзуапп. Дыккаг пациентмæ гæсгæ дæр, кæцыйæн фыццаг тесты фæстиуæгæн уыд æппæрццаг дзуапп, абон фæлхатгæ тест сараздзыстæм. Гæнæн ис, боны кæронмæ Тенгиз Церцвадзе уын фехъусын кæндзæн дзуаппы тыххæй. Ныфс дарæм, уым дæр дзуапп уыдзæн æппæрццаг æмæ афтæмæй нын уыдзæн дыууæ пациент кæцытæ сдзæбæх сты»,- райхъусын кодта Марина Эзугбаиа.
Марина Эзугбаиа нæ ацух кодта уый, цæмæй пациент кæцы сдзæбæх ис уый клиникæйæ абон рафыссой.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, кæй сдзæбæх ис уымæ æнæкæсгæ, пациент иу къуырион хæдизоляцийы баззайдзæн.