Коронавирусæй инфицирады ног цаутæй,  194  фæбæрæг ис Тбилисы, 172  Ачъарайы, 117 та Имереты
Коронавирусæй инфицирады ног цаутæй, 194 фæбæрæг ис Тбилисы, 172 Ачъарайы, 117 та Имереты

Тбилисы инфекцион рынчындоны боксиргонд хайады  къухдариуæггæнæг  Марина Энделадзейы  фидиуæнæй,  Гуырдзыстоны   коронавирусы цы  523   ног цау  рабæрæг ис,  уыдонæй 172  сфиксир сты  Ачъарайы,  194  Тбилисимæ сты баст, 117 та Имереты  рабæрæг сты.

Иннæ цаутæ  та  сты  æндæр æмæ æндæр  регионтæй.

«Ивгъуыд æхсæв-боны мидæг рабæрæг ис  коронавирусæй инфицирады  523, снæниз сты  208. Фæкаддæр ис  Ачъарайы инфицирады ног цауты нымæц, нырид  райсгæ  мадзæлттæ  фæстиуæгджын разындысты  æмæ  ног фæрынчынуæвджыты нымæц у 172 пациент, фæлæ  хъусдард раздæхын хъæуы  уыцы æрдæм ома  фæфылдæр сты  инфицирады цаутæ  Тбилисы, 194 ног цауимæ сæйраг горæт фыццаг бынатыл ис, Имереты  117 ног цау, Самегрело-Уæллаг Сванеты – 16, Гуриа æмæ Шида Картли -7-7, Квемо Картли -4, Кахет-3,  Самцхе-Джавахеты -2, æмæ  Мцхета Мтианеты –  1»-  фехъусын кодта  Марина Энделадзе.