Коронавирусæй инфицирады дæс ног цауæй, æхсæз сты фæрынчынуæвджытимæ контакт кæмæн уыдæ ахæм уæнгтæ, æрмæст цыппарæй та уæзласæн хæдтулгæты тæрджытæ сты
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг, Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны фæстаг 24 сахаты рабæрæггонд коронавирусы дæс ног цауæй, æхсæзæй сты фæрынчынуæвджытимæ контакт кæмæн уыдæ ахæм уæнгтæ, æрмæст цыппарæй та уæзласæн хæдтулгæты тæрджытæ сты.
Гамхърелидзейы дзырдæй, зæгъгæ уæзласæн хæдтулгæты тæрджытæ сты карантины тыгъдады.
«Фæстаг 24 сахаты дæргъы нын дæс ног цау сбæлвырд ис. Адонæй æхсæз сты фæрынчынуæвæгимæ контакты уæвæг уæнгтæ, кæцытæ идентификацигонд сты иуцуылдæр æмæ сæ фæхæццæ кодтам рынчындæттæм, æрмæтс цыппарæй та сты уæзласæн хæдтулгæты тæрджытæ, кæцытæ сты карантины. Уæзласæнты тæрджытæй дыууæйæ сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, дыууæ та фæсарæйнæгтæ» – фехъусын кодта Гамхърелидзе.
Пациентты уавæры тыххæй та, Гамхърелидзе дзуры, цæмæй сæ иуы уавæр дæр нæ у сæрмагондæй уæззау.