Коронавирусæй инфицирады æртæ ног цауæй, дыууæ импортиргонд сты, иуы инфицирады равзæрæн нырма бæрæг нæу
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директоры Марина Эзугбаиайы информацийæ, коронавирусы æртæ ног цауæй дыууæ импортиргонд сты зæгъгæ, уыдонæй иу уæзласæны тæрæг у. Иуы инфицирады равзæрæн нырма бæрæг нæу æмæ цæуы эпидимиологион иртасæн.
«Гуырдзыстоны коронавирусы æртæ ног цауæй дыууæ импортиргонд сты, уыдонæй сæ иу у уæзласæн хæдтулгæйы тæрæг. Æртыккаг ног цауы инфицирады равзæрæн нырма бæрæг нæу æмæ уый базонын цæуы эпидемиологион иртасæн», – райхъусын кодта Эзугбаиа.
Афæтма йæ ныхæстæм гæсгæ, инфекцион рынчындонмæ ног ковид-фæрынчынуæвæг пациенты нæ баластой.