Клиникæ «Амтелы» коронавирусæй рынчын фæмардуæвæг 83 аздзыд нæлгоймаг уыд оккупацигонд Галы районæй æркæнгæ
Клиникæ «Амтелы» фæмардуæвæг пациент уыд оккупацигонд Галы районы цæрæг 83 аздзыд нæлгоймаг.
Пациентæн уыд хроникон низтæ. Клиникæйы ныр 149 фæрынчынуæвæгæн хос кæнынц.
«Галы районæй уыд. Хос кодта университетон клиникæйы æмæ йæ раластой махмæ. 83 аздзыд нæлгоймаг рынчын уыд ковид-инфекцийæ, карз пневмониимæ, дисстрес синдромимæ. Æмвæд низтæ – зæрдæниз, гипертони æмæ артими. 13 пациенты сты реанимацион хайады, клиникæйы æдæппæт хос кæнынц 149 пациентæн», – фехъусын кодта «Амтел Хоспиталы» клиникон директор Лаша Мачъарашвили.
Гуырдзыстоны фæстаг æхсæв-боны мидæг, коронавирусæй рынчын цыппар пациент амард æмæ фæмардуæвджыты æмтгæйон нымæц ахæццæ ис 62-мæ.