Хæрæндон объекттты регуляцитæ  рогдæр кæнынц – Æддæ тыгъдады  иу  фынгы цур 12  адæймагы сбадын кæнын уыдзæн гæнæн
Хæрæндон объекттты регуляцитæ рогдæр кæнынц – Æддæ тыгъдады иу фынгы цур 12 адæймагы сбадын кæнын уыдзæн гæнæн

Цæугæ   къуырийæ  хæрæндон объекттæн  регуляцитæ  фæрогдæр уыдзысты. Сæрмагондæй та, гом тыгъдадты иу  фынгыл  12  адæймагы  æрбадын кæнын  уыдзæн гæнæн, ныры онг архайæг  регуляцийæ   ацы  нымæц  уыд  æхсæз.  Фæнысангонды фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг  Каналæн фехъусын кодта куысты инспекцийы  къухдариуæггæнæг  Бека Перадзе.

Йæ ныхæстæм  гæсгæ,  ивындзинæдты   нысан у, кафеты æмæ  ресторанты  къухдариуæгад баахъаз кæнын, цæмæй   сæ фæлхасгæнджытæн  балæггад кæной гом тыгъдады, цы ран коронавирусы  ахæлиуы  рискытæ  бирæ ныллæгдæр сты, æхгæд  тыгъдадимæ абаргæйæ.

Перадзейы  фидиуæнæй,  зæгъгæ  ивд  æввахсдæр бонты  æрцæудзæн публикацигонд æмæ  йæ тыхмæ  бахиздзæн.

Æхгæд тыгъдады  та, æхсæзлæгон  арæнæвæрд баззайдзæн йæ  тыхы.