Ираклий Гъарибашвили – æввахс дыууæ азы дæргъы, цæрæн фæзуаттæ лæвæрд æрцæудзæн ноджы 5000-ы онг бинонтæм
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ лигъдæттæн паддзахадон стратегийы сæххæсты архайадон планмæ гæсгæйæ, æввахс дыууæ азы дæргъы ноджы 5000-ы онг бинонтæм лæвæрд æрцæудзæн цæрæн фæзуаттæ.
Архайадон планы хицауад абоны рабадлтыл сбæлвырд кæндзæн.
«Зонут, цæмæй нæ хицауад 2013 азæй абоны онг Гуырдзыстоны масштабæй 23 000-ы онг тыхыбын бынативгæ бинонтæн радта цæрæн фæзуат. Фæнысангонд планмæ гæсгæйæ, æввахс дыууæ азы дæргъы мах ноджы 5000-ы онг бинонтæн ратдзыстæм цæрæн фæзуаттæ», – банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.