Борджомы 150 æрцæуæггаг лигъдон бинонтæн арæзт цæуы нырыккон стандарттæн дзуапп чи дæтты, ахæм цæрæн бæстыхай
Цæмæй 150 æрцæуæггаг лигъдон бинонтæн æрбынат кæной, Борджомы арæзт цæуы нырыккон стандарттæн дзуапп чи дæтты, ахæм цæрæн бæстыхай. Арæзтады бюджет у 15 374 192 ларийы.
Оккупацигонд территоритæй æрцæуæггæгты, фæллойы, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъæды министрады информацийæ, проектмæ хауы æддагон инфраструктурæйы фæхуыздæр кæнын дæр. Ацы этапыл дæсуæладзыгон бæстыхайы аст уæладзыг ныридæгæн арæзт æрцыд æмæ куыстытæ даргъ кæнынц.
«Æххæстæй цалцæггонд фатертæ лæвæрд æрцæудзысты æрцæуæггаг бинонтæн, кæцытæ бирæ азты дæргъы Борджомы цæрынц æнæадекватон уавæрты.Цæмæй æрцæуæггаг бинонтæ аккаг цæрæнуæттæй сифтонг кæной, уый тыххæй Тбилисы, Кутаисы, Рустауы æмæ Зугдиды цæрæн комплекстæ арæзт цæуынц, Борджомы параллелонæй» – ис фыст министрады расидæны.