Борджомы лигъдон бинонтæн арæзт цæуы цæрæн корпус
Борджомы лигъдон бинонтæн арæзт цæуы цæрæн корпус

Борджомы нырыккон стандарттæн дзуапп чи дæтты, ахæм цæрæн бæстыхай арæзт цæуы, цæмæй дзы 150 лигъдон бинонтæ æрбынат кæной.

Ног бæстыхайы, Борджомы муниципалитеты афтæ хуынæг компактон цæрæнуæтты бæстыхæйтты цæрæг бинонтæн æххæстæй цалцæггонд фатертæ уыдзæн лæвæрд.

Арæзтады бюджет у 15 374 192 ларийы. Цæмæй æххæст цæрæн уавæр сырæза, уый тыххæй проектмæ хауы æддагон инфраструктурæйы хæрзарæзтад дæр. Боржомы цæрæг лигъдæттимæ фембæлдысты æмæ сæ цæстæнгасæй æрæвæрынмæ здæхт арæзтадон куыстыты цыдмæ, оккупацигонд территоритæй мидæггагон æрцæуæггæгты, фæллойы, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъæды министры хæдивæг Цагареишвили Гиоргий æмæ лигъдæтты хъуыддæгты фæдыл агентады директор Кайкацишвили Давид фембæлдысты.

Боржомиимæ иумæ, лигъдон бинонтæн цæрæн комплекстæ ноджы æртæ горæты арæзт цæуынц: Тбилисы, Зугдиды æмæ Руставы.