Михеил Хъавелашвили фыстæгæй сиды  Си Цзиньпинмæ – стыр кад нын у иумæйаг уынаффæмæ бахæссын,  ахастыты æххæст стратегион партнерады æмвæзадмæ схæццæ кæныны фæдыл
Михеил Хъавелашвили фыстæгæй сиды  Си Цзиньпинмæ – стыр кад нын у иумæйаг уынаффæмæ бахæссын,  ахастыты æххæст стратегион партнерады æмвæзадмæ схæццæ кæныны фæдыл

Гуырдзыстон стыр нысаниуæг дæтты Китайимæ æмахастытæн æмæ дарддæр дæр æнæфæцудгæ у нæ партнерады ноджы фæарфдæр кæнын æмæ дыууæфарсон æмкуыстдзинад парахат кæнын – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Михаил Хъавелашвили,  Китайы президент Си Цзиньпинмæ фыстæгы банысан кодта.

Хъавелашвили йæ фыстæгы банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон-Китай æмахастыты æппæтдунеон стратегион партнерадмæ рахизын дыууæ бæстæйы æхсæн æмкуыстдзинады уæрæхдæр фадæттæ сараздзæн, кæцы дыууæ бæстæйæн дæр фылдæр пайда æрхæсдзæн.

« Ацы нысаниуæгджын цау нын дæтты иттæг хорз фадат, цæмæй ахъуыды кæнæм, фæстаг æртæ дæс азы дæргъы Гуырдзыстон æмæ Китайы Адæмон Республикæйы æхсæн ахастыты цы нысаниуæгджын прогресс баххæст ис, ууыл æмæ райгондæй банысан кæнын фидар хæлардзинад, кæцы сырæзт кæрæдзийæн аргъ кæнын, æууæнк æмæ конструктивон æмгуыстады фæрцы.

Дипломатон æмахастыты сырæзтæй фæстæмæ, Гуырдзыстон æмæ Китай æнæфæцудгæйæ фæтыхджындæр кодтой сæ партнерад æмæ парахат кодтой æндæр æмæ æндæр сферæты æмкуыстдзинад, се æхсæн базарады, инвестициты, бастдзинады, культурæйы, ахуырады æмæ адæмы æхсæн ивæндзинæдты. Нæ иумæйаг тыхархайдæй дыууæфарсон ахастытæ рæзынц динамикон æгъдауæй, æвзæрын кæнынц æнкъарæн фæстиуджытæ æмæ æмгуыстадæн ног фадæттæ.

Гуырдзыстон стыр нысаниуæг дæтты Китайы Адæмон Республикæимæ ахастытæн æмæ дарддæр кæны нæ партнердзинады фæарфдæр кæнын æмæ дывæрсыг æмкуыстдзинад парахат кæнын, цæмæй ифтонг уа нæ бæстæты æмæ адæмты дидинæфтыд, размæцыд æмæ æнæфæцудгæ фидæн.

Уæлдай æхсызгондæр у уый, цæмæй дипломативон æмахастыты 34 азы сæрмæ гæсгæ, махæн ис кад фехъусын кæнæм нæ иумæйаг скуыддзаг Гуырдзыстон-Китай æмахастытæ æппæтдунеон стратегион партнерады æмвæзадмæ схизыны фæдыл. Уырны мæ, ацы ахсджиаг къахдзæф кæй фæзындзæн уæрæхдæр фадæттæ нæ бæстæты ‘хсæн æмгуыстадæн, кæцытæ дыууæ нацийæн дæр фылдæр пайда æрхæсдзысты æмæ ноджы тынгдæр фидардæр кæндзысты нæ адæмты ‘хсæн хæлардзинад æмæ бастдзинæдтæ. Дæ бæрзонддзинад, мæ зæрдæ уын зæгъы дарддæры æнтыстытæ, æмæ хæларзæрдæ китайаг адæмæн мæ зæрдæ зæгъы сабырад, стабилондзинад æмæ дидинæфтыд. Уæ хорзæхæй, райсут, уæ ​​бæрзонддзинад, мæ бæрзонддæр цытæй ныфсæвæрдтæ» – фыссы Михеил  Хъавелашвилийы .