Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 7  пациент  амард
Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 7 пациент амард

Гуырдзыстоны ивгъуыд 24 сахаты  мидæг, коронавирусæй рынчын ноджы 7  пациент  амард.

Уый фæдыл  информаци  æхсæнуагдонон  координацион советимæ архайæг   операцион штабы  хистæры хæдивæг, Бердиа Сичъинава  райхъусын кодта хицауады  администрацийы   арызт  брифингыл.

«Хъыгагæн, фæстаг  24 сахатмæ  нын ис  мæлынады  цауты фæфылдр.  Авд адæймаг  амард.  Ачъарайы –æхсæз, иу та  Кахеты.  2020 азы  26 февралæй  абоны онг, æмтгæй райсгæйæ  коронавирусæй рынчын  342  адæймаг  амард», – загъта Бердиа Сичъинава.

Фæстаг 24 сахаты  дæргъы, коронавиру3сæй инфицирады 1852 ног  цау рабæрæг ис, 1696 пациент  та  снæниз ис.