Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 824 ног цау сбæрæг ис, 4 227 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 824 ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл информаци æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæры хæдивæг Бердиа Сичъинава хицауады администрацийы брифингы рæстæджы фехъусын кодта.
æстæйы фæстаг 24 сахаты мидæг снæниз ис ноджы 4 227 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 46 пациент æрбамард.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 209 462 цау, уыдонæй 184 668 снæниз сты, 2 140 та амард.
Афтæма 19 декабры бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 731 ног цау, снæниз сты 4 599 пациенты.