Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 501 ног цау сбæрæг ис, 3 988  пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 501 ног цау сбæрæг ис, 3 988 пациент та снæниз ис

Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  2 501  ног цау сбæрæг ис. Уый фæдыл  информаци æхсæнуагдонон   координацион советимæ архайæг  операцион штабы  хистæры хæдивæг  Бердиа Сичъинава хицауады администрацийы   брифингы рæстæджы загътæ.

Бæстæйы  фæстаг 24  сахаты мидæг  снæниз ис   ноджы 3 988  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  36 пациент  æрбамард.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады   164 976 цау, уыдонæй 137 499 снæниз сты, 1 540 та  амард.

Карантины  тыгъдады  сты  1 267 адæймаг,  6 963 стационары  цæстдарды бын сты, ковид-фысымуатты – 3 744.

Афтæма, 6 декабры бæрæггæнæнтæй,   Гуырдзыстоны, коронавирусæй инфицирады  4321  ног цау рабæрæг ис, снæниз сты  4301 æмбæстаг.