Гуырдзыстоны  коронавирусæй фæрынчынуæвæг  ноджы иу пациент рандидзыд
Гуырдзыстоны коронавирусæй фæрынчынуæвæг ноджы иу пациент рандидзыд

Тбилисы инфекцион  рынчындоны  медицинон  директоры, Марина Эзугбаиайы  куырдиатæй, зæгъгæ  коронавирусæй фæрынчынуæвæг  ноджы  иу,  дæсæм, пациент   сдзæбæх ис.

Марина Эзугбаиа  журналисттимæ  ныхасы рæстæджы куыд загъта,  афтæмæй,  10-æм  сдзæбæхуæвæгт пациент   клиникæйæ ныридæгæн рацыд.

«Ис нын ноджы иу  пациент, кæцы   сдзæбæх  ис.  Знон  ныууагъдта  на  центр.   Кæнæ та  нæ  центры  42  бæлвырд   цауæй,   10   сдзæбæх сты.   Ацы зтапыл   махмæ  хос кæнын  дарддæр кæнынц  32  пациент», – райхъусын кодта Марина Эзугбаиа.

Фæстаг бæрæггæнæнтæй   Гуырдзыстоны   коронавирусæй фæрынчыны   73  бæлвырд  цау ис, кæцытæй  10 пациент сдзæбæх сты.  Карантины  режимы  ис   4055  адæймаг,   стационары  цæстдарды  бын та – 252.