Гуырдзыстоны коронавирусæй фæмардуæвджыты нымæц 23-мæ схызстис. Уый фæдыл координацион советы фембæлды фæстæ, низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе фехъусын кодта.
«Хъыгагæн, ноджы иу пациент амард. Зæгъдзынæн уын, цæмæй уыд уæззау рынчын, æнæкотрол территорийæ æмæ хуыссыд Тбилисы, иуæй-иу рынчындоны», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Абон афтæдæр бæрæг сси, цæмæй ивгъуыд 24 сахаты дæргъы коронавирусæй дыууæ пациент амард.