Гуырдзыстоны хиауады цыппар уæнгæн сбæрæг ис коронавирус. Уый фæдыл информаци, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн сбæлвырд кодтой хицауады администрацийы.
Коронавирус сбæрæг ис Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзейæн, ахуырады министр Михеил Чхенкелийæн, æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон-хæдзарады министр Леван Давиташвилийæн æмæ регионон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министр Ираклий Карселадзейæн.
Фæнысангонд министртæ хицауады абоны рабадтыл нæ уыдысты.