Фæстаг 24 сахаты дæргъы, Дунейы коронавирусы 304  626 ног цау сбæлвырд ис
Фæстаг 24 сахаты дæргъы, Дунейы коронавирусы 304 626 ног цау сбæлвырд ис

Фæстаг  24 сахаты дæргъы, глобалон масштабæй   ног коронавирусы   304  626 адæймагæн сбæрæг ис, кæцы  рекордон   бæрæггæнæн  у.   Уый фæдыл информацийы, Джонс Хопкинсы  институт хъусын кæны.фæстаг ахæм  рекорд  14 августы сфиксир ис,   дунейы   иу  бонмæ   304 351  ковидфæрынчынуæвæгы  куы рабæрæг кодтой.

Афтæма, 14  августимæ абарæгæйæ  вирусæй  расайсгæ  низты  фæстиуæгæн   фæмардуæвджыты  нымæц  зæгъæн ис  дывæрæй фæкаддæр  ис. 14 август  иу бонмæ   коронавирусы амæттаг феста  10 135 адæймаг, æрмæст ивгъуыд  æхсæв-боны та   5 637 пациент амард.

Джонс Хопкинсы  университеты хъусинагæй,   дунейы  вирусæй   фæрынчынуæвджыты  нымæц, 6 сентябры  бæрæггæнæнтæй,   27  милуанмæ хæццæ  кæны.

Сеппæтæй  фылдæр  фæмардуæвæг  ис  АИШ-ы,  цы ран  вирус 6,2  милуан адæймагмæ  сбæлвырд ис,   æрмæст 188 500  та  амард.  Дыккаг бынатыл  ис Бразили, 4,1 милуан фæрынчынуæвæгимæ, æмæ 126 мин   фæмардуæвæгимæ.  Æртыккагыл та Инди.