Фæсарæнтæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрыздахынæн, ноджы цалдæр авиа-рейс сыххæст уыдзæн
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, преьмер-министр Гиорги Гахариайы барамындæй, фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты, фыдыбæстæмæ этапгай æрыздахыны нысанæн координацион совет, уæлæмхас рейстæ сбæлвырд кодта.
Фæсарæн хъуыддæгты ууагдоны хъусинагæй, 16 апрелы сыххæст уыдзæн Париз-Тбилисы авиа-рейс, 18 апрелы- Тель Авив –Тбилисы рейс, 21 апрелы – Рим-Тбилисы авиа-рейс. Фæнысангонд рейсты сыххæст кæндзæн компани «Джорджиан Эарвейс».
«Авиа-рейстæм билеттæ уæй кæндзысты рейсы датæйы агъоммæ дыууæ бон раздæр, компанийы веб-фарсыл, билеты аргъ у 199 евро. Балц сыххæст уыдзæн Æнæниздзинад Хъахъхъæнынады Æппæтдунейон Органиацийы протоколмæ гæсгæйæ. Гуырдзыстонмæ æрцæугæ алы бæлццон, ацæудзæн 14 бонон æнæмæнгхъæугæ карантин»- хъусын кæнынц, фæсарæн хъуыддæгты министрады.
Афтæма сæ информацийæ, координацион советы бæлвырд рейстæй афтæдæр сæххæст уыдзæн 7 апрелы- Афинæтæ-Тбилис; 10 апрелы –Ларнака-Тбилис; 12 апрелы – Берлин-Тбилис; 14 апрелы Аместердам –Тбилисы рейс.
«Дунейы «COVID-19» апарахаты фоныл, Гуырдзыстоны хицауады æххуысæй, фыдыбæстæмæ æрыздæхтис 5000-ы онг Гуырдызстоны æмбæстаг. Æмбæстæгты организацигондæй æрыздæхт æрцыд ахæм бæстæтæй: Китай, Итали, Иран, Польшæ, Болгари, Германи, Греци, Белорус, Нидерландтæ, Египет, Азербайджан, Сомихыстон» – хъусын кæнынц, Гуырдзытсоны æддагполитикъон уагдоны.