Лаша Жваниа – Израилы  Гуырдзыстоны æмбæстæгты базианы фæдыл  информаци минæварадмæ  не  æрбацыд
Лаша Жваниа – Израилы Гуырдзыстоны æмбæстæгты базианы фæдыл информаци минæварадмæ не æрбацыд

Ахæм масштабы террористон акт  бæстæйы нæ уыдис бирæ азы  дæргъы,  практиконæй,  историйы   нæй гæнæн æрымысæм   кæцыдæр факт, кæцы  айбæрц амæттагæй фæцис.  Сæумæрайсомы  Израилы æфсад  ноджы публикаци скодта  25  фæмардуæвæг æвзонгты   номхыгъд, кæцыты астæуккаг кар  20 аз у.  Уый у  иттæг уæззау периоды  Израилы  историйы, дзуттаг  нацийы  царды, – уый фæдыл  Израилы Гуырдзыстоны  минæвар Лаша Жваниа   райхъусын кодта.

Минæвары дзырдæй,   зæгъгæ Гуырдзыстоны иу æмбæстагдæр Израилы цæугæ   фæзындты  тыххæй нæ фæцæф ис.

«Ацы минутмæ  250  фæмардуæвæгæй  фылдæры тыххæй хъусын кæнынц, нырма  алы ран, алы æрæн пунктыл контрол    Израилы æфсад не сфидар кодта.  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  базианы фæдыл  информаци нæм не æрбацыд.  Иудадзыг контактыл  стæм куыд Израилы  хъахъхъæнынады министрадимæ, афтæ  фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ, атфæ Израилы пъæлицæйимæ.  Нæй  Гуырдзыстоны  æмбæстаг, кæцы гæнæн ис  фæцæф уыдаит  ацы периоды  дæргъы.  Мах цалдæр æмбæстагы знон æдас  ранмæ фæхæццæ  кодтам, æртæйæ  сты Натаниайы, иу  та Тель Авивы», – райхъусын кодта Жваниа.

Уыимæ ма, минæвары информацийæ,  Гуырдзыстоны  цалдæр æмбæстагы  бахъуыд   минæварады æххуыс æмæ уыдон ацы  этапыл  сты æдас ран.

«Æхсæнадæмон коммерцион   авиакомпанитæ  аивдтой  сæ рейстæ  Изралы  æрдæм æмæ Израилæй.   Израилы аэропорт  æхгæд нæу.   Знон сыххæст ис цалдæр рейс.   Знон изæр Гуырдзыстоны   цалдæр дæсой æмбæстаг æрыздæхт Гуырдзыстонмæ  Израилæй. Кæмæн нæ бантыст æрыздæхын уыдон  та, Гуырдзыстоны минæварады æххуысæй ифтонггонд сты  фысымуатæй.  Сывæллæттæ  сты   педагогтимæ иумæ, кæцытæ  фестивалмæ ныццыдысты  бæстæмæ,  уыдон дæр æдасæй сты», –  райхъусын кодта  Жваниа.