Фæсарæнтæй,  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  æрыздахынæн,  ноджы  цалдæр  авиа-рейс сыххæст уыдзæн
Фæсарæнтæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрыздахынæн, ноджы цалдæр авиа-рейс сыххæст уыдзæн

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министрады информацийæ,   преьмер-министр Гиорги Гахариайы  барамындæй,   фæсарæнты  уæвæг  Гуырдзыстоны   æмбæстæгты, фыдыбæстæмæ этапгай æрыздахыны нысанæн  координацион совет,  уæлæмхас рейстæ  сбæлвырд кодта.

Фæсарæн хъуыддæгты ууагдоны  хъусинагæй, 16 апрелы сыххæст уыдзæн Париз-Тбилисы  авиа-рейс, 18 апрелы- Тель Авив –Тбилисы рейс, 21 апрелы – Рим-Тбилисы  авиа-рейс.  Фæнысангонд  рейсты  сыххæст кæндзæн  компани  «Джорджиан Эарвейс».

«Авиа-рейстæм билеттæ  уæй  кæндзысты    рейсы  датæйы агъоммæ  дыууæ бон раздæр, компанийы  веб-фарсыл, билеты аргъ  у 199 евро. Балц сыххæст уыдзæн   Æнæниздзинад Хъахъхъæнынады  Æппæтдунейон  Органиацийы протоколмæ гæсгæйæ.  Гуырдзыстонмæ  æрцæугæ  алы бæлццон,  ацæудзæн 14  бонон  æнæмæнгхъæугæ  карантин»- хъусын кæнынц, фæсарæн хъуыддæгты  министрады.

Афтæма сæ информацийæ,  координацион советы бæлвырд рейстæй  афтæдæр сæххæст уыдзæн   7 апрелы- Афинæтæ-Тбилис; 10 апрелы –Ларнака-Тбилис;  12 апрелы – Берлин-Тбилис; 14  апрелы  Аместердам –Тбилисы  рейс.

«Дунейы  «COVID-19» апарахаты фоныл, Гуырдзыстоны хицауады  æххуысæй,  фыдыбæстæмæ  æрыздæхтис  5000-ы онг Гуырдызстоны æмбæстаг.  Æмбæстæгты организацигондæй  æрыздæхт æрцыд ахæм бæстæтæй:  Китай, Итали, Иран, Польшæ, Болгари, Германи, Греци, Белорус, Нидерландтæ, Египет, Азербайджан, Сомихыстон» – хъусын кæнынц, Гуырдзытсоны  æддагполитикъон уагдоны.