Фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй  а.х. 3+3  форматы  фембæлды Гуырдзыстон хайад нæ райсдзæн
Фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй а.х. 3+3 форматы фембæлды Гуырдзыстон хайад нæ райсдзæн

Гуырдзыстоны   фæсарæн хъуыддæгты  министрады  информацийæ, Ираны  сæйраг горæт   плангонд а.х. 3+3 форматы  фембæлды Гуырдзытсон хайад нæ райсдзæн.  Уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн   фæсарæн хъуыддæгты министрады фехъусын кодтой.

«Гуырдзыстон нæ исы хайад  фæнысангонд  фембæлды  æмæ  нæдæр искуы  райста  хайад», – хъусын кæнынц  Гуырдзыстоны  æддагполитикон уагдоны.

А.х. 3+3 формат Турчы президент, Реджеб Тайип Эрдогъаны инициативæ   уыд. Фæнысангонд форматы фæлгæтты фыццаг фембæлд  Мæскуыйы  2021 азы  10 декабры   ацыд.  Уым Туркимæ иумæ  хайад исынц  Уæрæсе, Сомихыстон, Азербайджан æмæ  Иран.

Гуырдзыстоны официалон позици у, цæмæй  Уæрæсейы  факторы тыххæй  фæнысангонд форматы хайад нæ райсдзæн.