Лаша Жваниайы информацийæ, Израилы  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  базианы  фæдыл информаци минæварадмæ нырма нæ бацыд
Лаша Жваниайы информацийæ, Израилы Гуырдзыстоны æмбæстæгты базианы фæдыл информаци минæварадмæ нырма нæ бацыд

Гуырдзыстоны æмбстгты  базиан кæныны фæдыл  информаци  ацы афонмæ  нæм не рбацыд  æмæ   нæм иунæг бæлвырд информаци дæр нæй – уый фæдыл  Фыццаг Каналæн Израилы  Гуырдзыстоны минæвар  Лаша Жваниа   фехъусын кодта.

«Ацы рæстæгмæ  мæ  бæрæггæнæнтæй,   ацы  террористон  акты фæстиуæгæн  Израилы  фæмардуæвджыты  нымæц  1400-йæ  хизы.  Хъыгагæн нырма  алчи идентифициргонд нæу æмæ  алкæй фæдыл информаци нæм нæй.   Афтæма  36  бæстæйы æмбæстæгтæ сты  цæф  æмæ мард ацы  æбуалгъ  терроризмы фæстиуæгæн» –  райхъусын кота  Лаша Жваниа.

Афтæма йæ  дзырдæ,   Гъазæйы   цæуынц хæстон архæйдтытæ,ф æлæ  ацы рæстæгмæ уыдон не  сты сурзæххон.

«Бæстæйы цæгат абон уыд   уæлдæфон  бырстыты  бын, фæлæ    превенци  уайтагъддæр сыххæст ис.  Горæтты эвакуацийы  тыххæй  куы зæгъæм, ацы афонмæ  эвакуацийыл дзырд нæ цæуы.  Кæд уынаффæ ивд  уыдзæн,  уæд зондзыстæм, официалон  каналты  фæрцы æмæ информаци ахæлиу  кæндзыстæм. Абон   эвакуацийы  тас нæй, ацы  уынаффæты  разæууæлттæ  нырма нæй.  Куыд зонын афтæмæй,   Газæйы  секторы цæгат хайæ эвакуаци  æххæст цуы  хуссармæ æмæ уый  Израилы  территоримæ  нæ хауы» –  банысан кодта Лаша Жваниа.

Афтæма йæ дзырдæй,  Газæйы секторы   Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ  нæй.

«Газæйы секторы нын Гуырдзыстоны  æмбæстаг нæй, цæй  тыххæй  дæр не стæм баст процессы, фæлæ  бирæ  æндæр бæстæйы  æмбæстæгтæ сты уым  æмæ абон  къæлидор уыд  фæсарæйнаг бæстæты æмбæстæгтæн,  цæмйæныууагъдтаиккой  Газæ Егтпеты  æрны  фæрцы. Фæлæ ацы  барамын ивд æрцыд, уымæн æмæ Израилæн йæ бон нæ бацис  сæ æдасæй  рацыд арæйнон пунктæй æмæ  сæрмагонд  локацитæм сæ æрыздахтой.  Къæлидор  æввахс  сахатты  та байгом уыдзæн. Уавæр   ныттынггонд у  æмæ  нæу æнцон, фæлæ  хæстон архæйдтыты райдаыны фыццаг бонтæм абаргæйæ локалон дæр кæны» – райхъусын кодта Лаша Жваниа.