Израилы фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвилийæн хæдбардзинады бон раарфæ кодта - Израил цæттæ у ахастытæ ноджы фæарфдæр кæнынмæ æмæ æмгуыстад фæуæрæхдæр кæнынмæ. Уæ хорзæхæй, райсут мæ хуыздæр фæндиæгтæ
Израилы фæсарæн хъуыддæгты министр Гидеон Саар хицауады сæрдары хæдивæг æмæ Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвилийæн Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон раарфæ кодта.
Израилы фæсарæн хъуыддæгты министры арфæйы фыстæджы куыд банысангонд у афтæмæй, Израиль цæттæ у ноджы фæарфдæр кæна ахастытæ æмæ алы фадыджы æмкуысткæнынад фæуæрæхдæр кæна.
«Дæ бæрзонддзинад,
Хæдбардзинады бонмæ гæсгæ, Израилы паддзахады хицауады æмæ адæмы номæй хъармдæр арфæ кæнын сæрмагондæй сымахæн æмæ гуырдзиаг адæмæн.
Израил æмæ Гуырдзыстон баст сты хæлардзинадæй, кæцы аххæссы дыууæ мин азæй фылдæр, бындуриуæг кæны кæрæдзийæн аргъ кæнын, гармони æмæ æнтыстджын æмгуыстадыл. Нæ дыууæфарсон ахастытæ, кæцытæ сты нæ бæстæты æмæ адæмты æхсæн арф историон бастдзинæдты уидæгтæ, фæстаг азты æнтыстджынæй рæзыдысты къорд къабæзты, уыцы нымæцы хъæууон хæдзарады, туризмы, культурæйы æмæ технологиты.
Израил цæттæ у ноджы фæарфдæр кæна нæ ахастытæ æмæ алы фадыджы æмгуыстад рауæрæх кæна.
«Уæ бæрзонддзинад, айсут мæ хуыздæр фæндиæгтæ Гуырдзыстоны хæрзиуæгæн æмæ мæ бæрзонддæр нымады ныфсæвæрдтæ» -ис фыст арфæйы фыстæджы.