ПÆК- Дваны цур оккупацигонд территорийыл Уæрæсейы оккупацион  тыхты æнæзакононæй ахст  Гуырдзыстоны  дыууæ  æмбæстаг нырид сæрибар сты
ПÆК- Дваны цур оккупацигонд территорийыл Уæрæсейы оккупацион тыхты æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстаг нырид сæрибар сты

Уæрæсейы  оккупацион тыхтæ 30 апрелы  Карелы  муниципалитеты хъæу Дваны  цур  оккупацигонд территорийыл   æнæзакъононæй  куы æрцахстой  Чито Ахалкацийы  æмæ Гоча Мамагулашвилийы,  уыдон нырид  сæрибар сты æмæ централон  хицауады   контролгонд территорийыл сты – уый фæдыл  информаци паддзахадон   æдасдзинады  куыст  хуъсын кæны.

«Ахалкацийы æмæ Мамагулашвилийы æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар кæныны нысанæн, активонæй  архайдтам куыд «тæвд хаххы» механизмæй афтæ   централон хицауадмæ  уæвæг   алы æндæр   инструментæй. Оккупацигонд  Гуырдзыстоны регионты  æмæ  оккупацион хаххы  дæргъмæ  сæххæст  алы  деструктивон архайдыл, бæрн æвæрд цæуы  оккупацион тыхыл.

Централон хицауад, æхсæнадæмон   партнертимæ иумæ,  дарддæр кæны активон кусын,  оккупацигонд территоритыл æнæзакъонон  ахсты уæвæг  Гуырдзыстоны  алы æмбæстагы ссæрибар кæнынæн» – банысангонд у  ПÆК-ы  информацийы.