Китай Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæвизæ дыууæрдæм змæлд  сфидар кодта
Китай Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæвизæ дыууæрдæм змæлд сфидар кодта

Китайы  Республикæ Гуырдзыстоны  æмбстæгтæн  æнæвизæ дыууæрдæм змæлд сфидар кодта.

Уый фæдыл   Гуырдзыстоны  премьер-министр  Иралкий Къобахидзе  хицауады  абоны рабадтыл  райхъусын кодта.

Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй,   Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн   сæ бон  уыдзæн  Китайы,  æнæвизæйæ  30 боны  дæргъы баззайын.

«Китайы Адæмон Республикæ рахаста  уынаффæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  режим сфидар кæныны фæдыл.  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн   Китайы  æнæвизæйæ 30 боны дæргъы баззайын, уый у иттæг нысаниуæгджын   уынаффæ, кæцы нæ  æмбæстонтæн фенцондæр кæндзæн  Китаймæ балц кæнын æмæ  ног  фадæттæ  ратдзæн  Гуыдзыстон æмæ Китайы æхсæн политикон,  экономикон æмæ культурон   цæдистæ  фылдæр стынг кæныны цæстæнгасæй. Ацы уынаффæ  у Гуырдзыстоны æмæ Китайы  æхсæн   фарон къухæвæрд  стартегион партнерады бадзырды  радон иттгæг нысаниуæгджын практикон фæстиуæг.   Арфæ кæнын  æмбæстгæтæн  æмæ  мæ фæнды, бузныг  зæгъын  китайаг хæлæрттæн, Китайы  хицауадæн  ацы иттæг нысаниуæгджын уынаффæйы тыххæй», – райхъусын кодта  Ираклий Къобахидзе.

Бакой уын кæндзыстæм,  Китайы æмбæстæгтæн  æнæвизæ режим  2023 азы 11 сентябрæй  скуыста.

Уыйимæ  Гуырдзыстон-Китайы  æхсæн стартегион   партнерады фæдыл  бадзырд  2023 азы  июны  бафыстæуыд.