Гуырдзыстоны  æддагполитикон уагдон -  Румынийы  парламент сфидар кодта  резолюци  Молдовæйы, Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ  Ныгуылæн Балканты  европаг  перспективæйы фæдыл
Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Румынийы парламент сфидар кодта резолюци Молдовæйы, Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Ныгуылæн Балканты европаг перспективæйы фæдыл

Абон Румынийы  парламент  депутатты палатæйы æмæ сенаты  иугонд рабадтыл  сфидар кодта «Резолюци Молдовæйы Республикæйы, Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Ныгуылæн  Балкканты  Европаг перспективæйы фæдыл». Информаци хъусын  кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.

Уагдоны хъусинагæй, резолюцийы  хаххгонд у, цæмæй Румыни  куыд   Гуырдызстоны стратегион партнер бæлвырд кæны Гуырдзыстоны хæдбарады, суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн  хъæддых фарсдарын, йæ зæрдыл дары  2022 азы  бафыст  стратегион партнерады декларацийы принциптæ æмæ  нысæнтты нысануæг дыууæдæр бæстæйæн.

Афтæма документы банысангонд у  Сау Денджызы  стабилондзинады, æдасдзинады æмæ  фарны  консолидацийæн  иукæнынады роль, афтæма, йæ нысаниуæг европаг  тыгъдады  интеграцийы тыххæй.  Евроцæдисы  ауæрæхы  политикæ  нымадмæ ист у, куыд сегасдр  æнтыстджын  инструмент  демократон трансформацийы  стимулиркæнынæн хурыскæсæн  сыхы  æмæ  Ныгуылæн  Балканты.

Уыимæ, резолюцийы хаххгондæй банысангонд у цæмæй ауæрæх бындурæвæрд уыдзæн  кандидатты индивидуалон тыхархайдыл æмæ се сгуыхтдзинадыл сыххæст кæной  сæхимæ цы  хæс райстой  уыдон, европаг  аргъдзинæдтæм æмбæлгæйæ.