Фæдзæхсыны компаниты бинонты дохтыртæ коронавирусæн фæткдæттыны процессмæ абонæй баиу уыдзысты
Фæдзæхæсыны компаниты кусæг бинонты дохтыртæ, коронавирусы фæткдæттыны процессмæ абонæй баиу уыдзысты, – уый фæдыл æнæнизхъахъъхæды министр, Экатерине Тъикъарадзе коронавирусимæ архайæг æхсæнуагдонон координацион советы рабадты фæстæ лæвæрд брифингыл фехъусын кодта.
«Нæ æмбæстæгтæ бæрзонд фидинæгтæ фидынц сæ фæдзæхсыны полистæн. Уымæ гæсгæ дæр, ацы вирусæн схос кæнын хæсджын сты фæдзæхсыны компанитæ æмæ алы уыцы бинонты дохтыр, чидæриддæр ацы программæйы сты хайджын», – райхъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.