Дунейы туризмы организаци - «Ковид-19»-ы пандемийы тыххæй, туристон сектор 2020 азы фыццаг фондз мæйы мидæг, 320 миллиард доллары бæрц зиан баййæфта
«Ковид-19»-ы пандемийы тыххæй туристон сектор 2020 азы фыццаг фондз мæйы мидæг, 320 миллиард доллары бæрц зиан баййæфта. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Дунейы туризмы организаци.
Фидиуæны мидæг дзырдæуы, цæмæй коронавирусы фæстиуæгæн бавзаргæ зиан 2009 азы финансон кризисы фæстиуджытæй æртывæр фыддæр уыдис.
Организацийы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй, 2020 азы фыццаг фондз мæйы мидæг æхсæнадæмон туристон къада фæкъаддæр ис 56%-æй.
«Фæстаг бæрæггæнæнтæ æвдисынц куыд нысаниуæгджын у туризмы сæндидзын кæнын. Драмон дæлæмæцыдæй милуангай адæймагы цардæн хæссы рискъ», – райхъусын кодта Дунейы Туризмы организацийы генералон нымæрдар Зураб Пололикашвили.