Дунейы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц 107 милуанмæ хæццæ кæны
Дунейы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц 107 милуанмæ хæццæ кæны. Бæрæггæнæнтæ публикаци кæны Джонс Хопкинсы университет. Афтæма, сæ хъусинагæй, пандемийы периоды «Ковид-19»-ы амæттаг ссис дыууæ милуан 300-йæ фылдæр адæймаг.
Фæмардуæвджыты æмæ фæрынчынуæвджыты нымæцмæ гæсгæ, фыццаг бынатыл ис АИШ-æ, цы ран пандемийы радйайæнæй абоны онг вирус бахæцыд 27 милуан адæймагыл. Амард 450-йæ фылдæр ковид-фæрынчынуæвæг.
Дыккаг бынатыл ис Инди, цы ран вирусæй фæрынчын ис 10 милуанæй фылдæр адæймаг. Æртыккаг бынатыл Бразили, фараст æмæ æрдæгæй фылдæр милуан фæрынчынуæвæгимæ. Фæстаг 24 сахаты Бразилийы 51 мин адæймаг фæрынчын ис. Амард 1 350 адæймаг.
Фæстæмæ вазыгджын уавæр ис Европæйы. «Ковид-19»-ы ноджы иу ног вариант ссардтой Стыр Британийы. Специалистты дзырдæй, Бристолы æмæ Ливерпулы цы штам рабæрæг ис, уымæй нырид фæрынчын ис 76 æмбæстаг. Германийы та хъусын кæнынц, ома, вирусы мутацимæ гæсгæйæ, карантины режим, иууыл цъус, фыццаг марты онг хъуамæ адарддæр уа.
Райсомæй карантины режим фæстæмæ скусын кæндзысты Грецийы. Æхгæд æрцæудзæн скъолатæ æмæ дуканиты хай. Испанийы та, вирусы æртыккаг уылæнимæ тох кæнынц. Фæстаг 24 сахаты Испанийы вирусы амæттаг ссис 766 адæймаг. Пандемийы периоды ковид-фæрынчынуæвджыты æмтгæйон нымæц Испанийы æртæ милуанæй ахызт.