«COVID-19»-æй  зианбавзарæг  бæстæты  аэропортты ранымады Гуырдзыстоны иунæг аэропорт дæр нæй
«COVID-19»-æй зианбавзарæг бæстæты аэропортты ранымады Гуырдзыстоны иунæг аэропорт дæр нæй

Европæйы   авиацион  æдасдзинады   агентад (EASA) публикаци скодта уыцы  аэропортты   номхыгъд, кæцыты, «Ковид-19»-ы  пандемийы фоныл, æнæмæнгхъæугæ у æдасдзинады  сæрмагонд мадзæлттæ ауадзын.

Уый фæдыл  информаций  хъусын кæны «Schengenvisainfo.com ».

Фæнысангонд  ранымады  нæй  Гуырдзыстоны иунæг аэропорт дæр, уымæн æмæ  «Гуырдызстоны Аэропортты  иугонды»  куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй,   бæстæ  эпидемиологионæй  бæрзонд рискы хæссæг бæстæйыл нымад нæ цæуы.

Аэропортты ранымад, Евроцæдисы  уæнг бæстæтимæ иумæйаг  куысты  фæстиуæгæн  бакуыстæуыд  æмæ  æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон  организацийы,   низты  контролы  Европаг   центры æмæ  æндæр   авторитетон  организациты  бæрæггæнæнтыл æнцой кæны.