Болнисы коронавирус карантины уæвæг фондз гоймагмæ сбæлвырд ис, уыдон сты тагъд медицинон æххуысы персонал
Сæумæрайсом райст лабораторион иртасæны фæстиуджытæй, коронавирус Болнисы фондз адæймагмæ сбæлвырд ис.
Сæ фондз дæр сты тагъд медицинон æххуысы персонал. Болнисы мэрийы инфоормацийæ, уыдон карантины уыдысты, коронавирус сын куы фæбæрæг ис уый фæстæ.
Абон бæрæг ног цауты банымадæй, Болнисы коронавирусы 93 бæлвырд цау ис.
Афтæма знон æрвыст 38 биологион хуызæгæй, коронавирус сæ иумæ дæр не сбæлвырд ис. Уыдон сты бæлвырд цауты контакттæ.
Афтæдæр боны дæргъы æнхъæлмæ кæсынц лабораторион иртасæны фæстиуджытæ Болнисы центры уæвæг дыууæ паиценты фæдыл.